22 ӕмӕ бӕстӕ нӕ басӕтта, уӕдмӕ тох кӕнат, уӕд, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, ӕназым уыдзыстут Дунедарӕг ӕмӕ Израилы раз, ӕмӕ ацы бӕстӕ сымахӕн баззайдзӕн.
Хабар фехъусгӕйӕ, Давид загъта: «Дунедарӕджы раз ӕнустӕм сыгъдӕг дӕн ӕз, ӕмӕ мӕ паддзахад дӕр сыгъдӕг у: мӕ азым нӕй Неры фырт Авнеры тугныккалды.
«Сымах, кӕй уын дӕттын, уыцы Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат, ӕмӕ уыцы ран Ӕз искӕцы хӕдзарыл хъуына куы бафтауон,
Дунедарӕджы раз Иорданы сӕрты ахизат ӕмӕ, цалынмӕ Уый Йе знӕгты зӕхх нӕ байса
цалынмӕ Дунедарӕг уе ’фсымӕртӕн дӕр сымахау ратта ӕнцой ӕмӕ сын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Иорданы фале цы зӕхх дӕтты, уый сӕхи бакӕной, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ уӕ алчидӕр ӕрбаздӕхдзӕн, цы зӕхх ын схай кодтон, уырдӕм“.
Дунедарӕг сымах хуызӕн уыдонӕн дӕр цалынмӕ ӕнцой ӕрхӕсса, уӕдмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдонӕн цы зӕхх дӕтты, уый куы райсой уе ’фсымӕртӕ дӕр, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхут ӕмӕ уӕ исбон уыдзӕни, Дунедарӕджы цагъар Моисей уын Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм цы зӕхх радта, уый».
Ӕмӕ Дунедарӕг Ливнӕйы дӕр йӕ паддзахимӕ радта израилӕгты къухтӕм, ӕмӕ дзы цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдоны Йешуа карды амӕттаг бакодта, аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радта. Йерихоны паддзахы хал ахӕрын кодта Ливнӕйы паддзахӕн дӕр.
Иу ныббырстӕй Йешуа басаста ӕппӕт паддзӕхты дӕр ӕмӕ сын бацахста сӕ зӕххытӕ. Уый Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы адӕмы сӕрыл.
Дунедарӕг Моисейӕн цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йешуа уыцы бӕстӕ бацахста ӕгасӕй дӕр ӕмӕ йӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл байуӕрста. Ӕмӕ уӕд бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.
Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн та Дунедарӕджы цагъар Моисей сӕ зӕххы хай раздӕр радта — Иорданы скӕсӕнварс:
Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.
Дӕ хӕдзары дуарӕй ӕддӕмӕ чидӕриддӕр рахиза, уымӕн-иу йӕ тӕригъӕд йӕхи фӕуӕд, махмӕ дзы ницы азым ӕрхаудзӕн. Дӕ хӕдзары мидӕг искӕй туг куы ныккӕла, уӕд-иу уый тӕригъӕд та мах сӕр баййафӕд.
Ныр Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уе ’фсымӕртӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сын ӕнцой цард ралӕвар кодта. Гъемӕ уын Дунедарӕджы минӕвар Моисей Иорданы фале исбонӕн цы зӕххытӕ радта, уыдонмӕ аздӕхут.
Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис Ханааны сахар Силомӕй, се ’фсымӕр израилӕгты цурӕй, аздӕхтысты Галаадмӕ, сӕ зӕхмӕ, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цы бардзырд радта, уымӕ гӕсгӕ кӕй бацахстой, уырдӕм.