2 Бацыдысты Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ Моисеймӕ, сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы фӕтӕгтӕм ӕмӕ загътой:
Хицау тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы сараза, куы фӕазымджын уа
Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм рӕгъӕуттӕ тынг бирӕ уыди. Йазер ӕмӕ Галаады бӕстӕтӕ куы федтой, уӕд сӕм стурвос хизынӕн хорз фӕкастысты.
«Атарот, Дивон, Йазер, Нимра, Хешбон, Елале, Свам, Нево ӕмӕ Беон —
Зӕхх иууылдӕр байуар фараст хӕдзарвӕндагыл ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисыл».
Ацы сахартӕ израилӕгтӕ сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ левиттӕн радтой халмӕ гӕсгӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Фосдӕтты астӕу кӕдмӕ баддзыстут, фыййауы уадындзмӕ кӕдмӕ хъусдзыстут? Уӕ, хъаугъа куы кӕнынц Рувимы фӕдонтӕ!