19 Мах уыдонимӕ хай нӕ райсдзыстӕм Иорданы фаллаг фарс, уымӕн ӕмӕ Иорданӕн йӕ ацы, скӕсӕнварс, исӕм хай».
Уацары акодтой Аврамы ӕфсымӕры лӕппу — Содомы цӕрӕг Лоты дӕр. Рахастой йын йӕ исбон дӕр.
Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.
Кӕрӕфӕй цы бынтыл ныххӕлоф кӕнай, уыдон арфӕгонд нӕ уыдзысты.
Дыууӕ хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ хӕдзарвӕндаджы ӕрдӕг сӕ хай райстой Иорданы иннӕ фарс, скӕсӕны, Йерихоны бакомкоммӕ».
Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн та Дунедарӕджы цагъар Моисей сӕ зӕххы хай раздӕр радта — Иорданы скӕсӕнварс: