16 Уӕд ӕм бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ фосы дзугтӕн ам уӕтӕртӕ сараздзыстӕм, нӕ сабитӕн — сахартӕ.
Йаков та араст ис Суккотмӕ ӕмӕ уым айтыгъта йӕ цатыр, йӕ фосӕн та скодта халагъудтӕ. Уымӕ гӕсгӕ уыцы бынат хуыйны Суккот.
Иссахар — фидарстӕг хӕрӕг, хуыссы йӕ хордзенты астӕу.
Уӕ чъылдым Ӕм куы раздахат, уӕд ма израилӕгты ноджыдӕр фӕдардзӕн ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ сӕ бынтондӕр бацарӕфтыд кӕндзыстут».
Нӕхӕдӕг та гӕрзифтонгӕй ацӕудзыстӕм израилӕгты разӕй, цалынмӕ сӕ нӕ бахӕццӕ кӕнӕм сӕ бынатмӕ, уӕдмӕ; не ’нахъом сабитӕ та, ацы бӕстӕйы цӕрджытӕй сын тас кӕм нӕ уа, ахӕм фидаргонд сахарты баззайӕнт.
Даны хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Букки, Иаглийы фырт.
Ӕрмӕст уӕ устытӕ, уӕ сабитӕ ӕмӕ уӕ фос та (ӕз зонын, куыд бирӕ фос уӕм ис, уый), цы сахартӕ уын радтон, уыдоны баззайӕнт,
Равзӕрста йӕхицӕн хуыздӕр хай — бӕстыхицауы хай; адӕмы фӕтӕгтӕ куы ӕрбамбырд сты, уӕд сӕххӕст кодта Дунедарӕджы раст фӕндон, Израилы тыххӕй Йӕ тӕрхон“.