15 Уӕ чъылдым Ӕм куы раздахат, уӕд ма израилӕгты ноджыдӕр фӕдардзӕн ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ сӕ бынтондӕр бацарӕфтыд кӕндзыстут».
ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.
Дӕ устытӕ ӕмӕ дын дӕ фыртты халдейӕгтӕм акӕндзысты, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ. Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн, ацы сахар та сыгъд ӕрцӕудзӕни».
Уӕд ӕм бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ фосы дзугтӕн ам уӕтӕртӕ сараздзыстӕм, нӕ сабитӕн — сахартӕ.
Сар йӕ сӕр ацы дунейӕн, тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы мондаггӕнӕнтӕн ӕнӕ фӕзынгӕ нӕй, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уыцы адӕймагӕн.
Фӕлӕ кӕд, де ’фсымӕрӕн, цыдӕр хойраг кӕй хӕрыс, уый хъыг у, уӕд, уарзондзинад куыд домы, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрыс. Уӕдӕ дӕ хойрагӕй, Чырысти кӕй тыххӕй амард, уыцы ӕфсымӕры ма саф.
Бахӕццӕ сты Галаады зӕхмӕ, Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы байзӕддӕгтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Уыдон сын загътой: