Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 32:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕмӕ рафыхти Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азы ӕдзӕрӕг быдыры фӕракӕн-бакӕн кодта, цалынмӕ, Дунедарӕджы цӕсты фыдгӕнӕг чи уыди, уыдоны мыггаг сыскъуыди, уӕдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 32:13
15 Iomraidhean Croise  

Ӕппӕт адӕмтӕн Дӕ стаудзынӕн, о Дунедарӕг, зардзынӕн Дын алы знӕмты ’хсӕн!


Фехъусын кӕнут адӕмтӕн: «Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны!» Дун-дуне Уый фӕрцы у фидар, нӕ фенкъуысдзӕн; Дунедарӕг адӕмтӕн раст тӕрхон кӕндзӕн.


Цалынмӕ израилӕгтӕ Ханаанмӕ нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры маннӕйӕ цардысты.


Сымах та Мысыры зӕххӕй рахуыдтон ӕмӕ уӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, цӕмӕй уын сӕ зӕхх исбонӕн радтон, уый тыххӕй.


Ӕз та сӕ сӕраппонд аморӕгты ныццагътон; нӕзытӕй бӕрзонддӕр, тулдз бӕлӕстӕй фидардӕр уыдысты, фӕлӕ сын Ӕз уӕле скуынӕг кодтон сӕ дыргътӕ, бынӕй — сӕ уидӕгтӕ.


Сымахӕн уӕ мӕрдтӕ ацы ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты.


Фӕлӕ Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд, ӕмӕ фӕцагъды сты ӕдзӕрӕг быдыры.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“.


Дунедарӕг сыл абырджыты сагъуыйын кодта, ӕмӕ сӕ стыгътой. Сӕ алыварс цӕрӕг знӕгты къухтӕм сӕ радта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныхмӕ хӕцын сӕ бон нал уыди.


Дунедарӕг Израилмӕ тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта: «Кӕд ацы адӕм, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый халынц ӕмӕ Мӕм нӕ хъусынц,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan