3 Ӕмӕ загъта Моисей адӕмӕн: «Уӕ адӕмӕй гӕрзифтонг ӕфсад скӕнут, цӕмӕй мидианӕгты ныхмӕ ралӕууой ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы маст райсой.
Дунедарӕг Йегуйӕн загъта: «Мӕ рӕстаг фӕндон Мын кӕй сӕххӕст кодтай ӕмӕ Ахавы хӕдзарӕн, Мӕн куыд фӕндыд, афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй дӕ байзӕддӕгтӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг Израилы паддзахы бадӕны баддзысты».
Ды ныццӕгъддзынӕ дӕ паддзах Ахавы байзӕддӕгты ӕмӕ Мын афтӕмӕй райсдзынӕ Мӕ маст. Райсдзынӕ, Иезавел кӕй амарын кодта, Мӕ уыцы цагъарты туг: Мӕ пехуымпарты ӕмӕ Ме ’ппӕт лӕггадгӕнджыты туг.
Загъта: «Мӕ къух сдардтон Дунедарӕджы бадӕнмӕ. Дунедарӕджы хӕст Амалекимӕ — мыггагмӕ».
Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, мастисӕн бон ралӕууыд, ӕмӕ Йе знӕгтӕй Йӕ маст райсдзӕни. Йӕ фыдгулты Йын кард аныхъуырдзӕн, бафсӕддзӕн сӕ тугӕй! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, нывонд ӕрхастӕуыд цӕгатаг бӕстӕйы, Евфраты доны был.
Вавилоны сахарӕй чи раирвӕзт, уыцы лигъдӕтты хъӕр хъуысы. Ӕмӕ ныр базондзысты Сионы, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ Кувӕндоны маст кӕй райста, уый.
Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут.
«Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт Пинхас мын Мӕ маст аздӕхта израилӕгтӕй, афтӕ ӕнувыд Мыл кӕй разындис, уымӕй, ӕмӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, Ӕз нал ныццагътон израилӕгты.
Уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ Пинхас ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ лӕвӕрд цӕуы сауджыны ном, йӕ Хуыцауыл афтӕ ӕнувыд кӕй у ӕмӕ израилӕгты сӕ тӕригъӕдӕй кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй».
Алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — мин, израилаг хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ уой ӕфсады».
— Израилы йӕ фӕтӕгтӕ хӕстмӕ куы кӕной, адӕм цингӕнгӕ тохмӕ куы цӕуой, — Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!
Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты: «Мерозы сахар ралгъитут, ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, — йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не ’рлӕууыдысты, сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»