3 „Исчи Дунедарӕгӕн сомы куы ракӕна кӕнӕ истӕмӕй йӕхицӕн тобӕ куы зӕгъа, уӕд хъуамӕ йӕ дзырд ма фӕсайа, цыдӕриддӕр загъта, уый сӕххӕст кӕна.
Цедекиа сыстади паддзах Навуходоносоры ныхмӕ, кӕд ын уый Хуыцауы раз ард бахӕрын кодта, уӕддӕр. Ахӕм хивӕнд ӕмӕ хиваст разынди, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, йе ’ргом раздахын нал фӕндыд.
Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.
«Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: исчи Дунедарӕгӕн адӕймаджы снывонд кӕнынӕй куы расомы кӕна ӕмӕ йӕ, уыцы адӕймагӕн йӕ аргъ цас у, уый бӕрц бафидын куы хъӕуа,
Моисей израилаг хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕн загъта: «Мӕнӕ цы фӕдзӕхсы Дунедарӕг:
Сылгоймаг йӕ фыды хӕдзары, мойгонд нӕма у, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн ард куы бахӕра кӕнӕ истӕмӕй йӕхицӕн тобӕ куы зӕгъа
«Зӕгъ израилӕгтӕн: нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, назир суӕвыны тыххӕй сӕ исчи куы басомы кӕна, мӕхи Дунедарӕгӕн нывонд кӕнын, зӕгъгӕ,
Сылгоймӕгтӕ аргъуаны сӕ дзых ма гом кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ сын дзурын не ’мбӕлы, фӕлӕ сӕ бынат зонӕнт, — афтӕ зӕгъы Ӕгъдау дӕр.
Фӕлӕ сӕ израилӕгтӕ нӕ ныццагътой, уымӕн ӕмӕ сын адӕмы хицӕуттӕ ард бахордтой Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй. Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕм иууылдӕр хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой хицӕуттыл.
Куы йӕ ауыдта, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ехх, мӕ чызг, уый мын цы бакодтай! Сау бӕллӕхы мӕ куы баппӕрстай! Ӕз Дунедарӕгӕн дзырд радтон ӕмӕ йӕ мӕ бон нӕ сӕххӕст кӕнын нӕу!»
Аннӕ расомы кодта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ цагъары хъизӕмармӕ куы ’ркӕсай, куынӕ Дӕ ферох уа Дӕ цагъар ӕмӕ йын тырын куы ралӕвар кӕнай, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн снывонд кӕндзынӕн. Цӕргӕ-цӕрӕнбонты уыдзӕни Дӕу, ӕмӕ йӕ сӕрыл сӕрдасӕн никуы андзӕвдзӕн».