2 Моисей израилаг хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕн загъта: «Мӕнӕ цы фӕдзӕхсы Дунедарӕг:
Скувдзынӕ Йӕм, ӕмӕ дын дӕ куывд фехъусдзӕн, ды та дӕ сомы нӕ фӕсайдзынӕ.
Зӕххыл Дын чи ис, Дӕ уыцы диссаджы сыгъдӕджытӕм, ӕз тырнын зӕрдиагӕй.
Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.
О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!
Ӕз загътон: «Мӕ бӕллӕх уый у, ӕмӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕджы къух раздӕры хуызӕн нал у».
Ӕнӕхъуаджы ма сдзур Дунедарӕджы, Дӕ Хуыцауы, ном. Дунедарӕг ӕнӕбафхӕргӕ нӕ ныууадздзӕн, Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уый.
Адӕймаг ард бахӕрыныл куы фӕтагъд кӕна кӕнӕ, хъуыды нӕ акӕнгӕйӕ, искӕмӕн зӕрдӕ куы бавӕра, уӕд къӕппӕджы бахаудзӕн.
Хорз ӕви ӕвзӕр хъуыддаджы тыххӕй уа, исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ ард куы бахӕра, адӕм ӕнӕрхъуыдыйӕ ард куыд бахӕрынц, афтӕ ӕмӕ фыццаг, цы бакодта, уый куы не ’мбара, фӕлӕ йӕм фӕстӕдӕр куы бахъара — азымджын уыдзӕн.
Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.
Уӕд израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн басомы кодтой: «Ацы адӕмы нын кӕд нӕ къухмӕ раттай, уӕд сын сӕ сахартӕ ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн».
Идӕдз кӕнӕ йӕ лӕгӕй хицӕн сылгоймаджы ардбахӕрд та йӕ хъару нӕ сафы.
Аразут сахартӕ уе ’нахъом сабитӕн ӕмӕ уӕтӕртӕ уӕ лыстӕг фосӕн, уӕ дзырдӕн хицау ут».
Сар уӕ сӕр, куырм фӕтӕгтӕ! Сымах дзурут: „Исчи Кувӕндонӕй куы басомы кӕна, уӕд йӕ сомыйӕ баст нӕу, фӕлӕ, Кувӕндоны сыгъзӕринӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы хъуамӕ сӕххӕст кӕна“.
Ноджы фӕзӕгъут: „Исчи нывондхӕссӕнӕй куы басомы кӕна, уӕд йӕ сомыйӕ баст нӕу, фӕлӕ нывондхӕссӕныл цы нывонд ис, уымӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы хъуамӕ сӕххӕст кӕна“.
Куы сбон ис, уӕд иудейӕгтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты.
Уыдон бацыдысты алчертӕм, стӕй адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ загътой: «Мах ард бахордтам, цалынмӕ Павелы амарӕм, уӕдмӕ ком бадарыныл.
Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бабадтысты. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у».
Хуыцау уыны мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мын у ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ ныронг не ’рцыдтӕн, кӕй уыл ауӕрдын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.
Йеффай Галаады хистӕртимӕ рацыдис. Адӕм дзы сӕхицӕн фӕтӕг загътой. Мицпайы Йеффай Дунедарӕджы раз ногӕй фехъусын кодта сӕ бадзырд.
Дыууӕ мӕйы фӕстӕ йӕ фыдмӕ ӕрыздӕхти. Фыд йӕ сомы сӕххӕст кодта, ӕмӕ чызг нӕлгоймаджы ад нӕ базыдта. Уӕдӕй нырмӕ израилӕгтӕм фӕзынди ахӕм ӕгъдау: