Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 3:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уыдон ӕппӕт израилӕгты бӕсты лӕггад кӕнынц Уаз Цӕрӕны ӕмӕ сӕ бӕрны уӕнт Фембӕлды Цатыры мигӕнӕнтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 3:8
13 Iomraidhean Croise  

Давиды фӕстаг ныстуантӕм гӕсгӕ Левийы байзӕддӕгтӕ нымад ӕрцыдысты ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ.


Мӕ хъӕбултӕ, ӕнӕмӕт ма ут! Дунедарӕг уӕ равзӕрста, цӕмӕй Йӕ разы лӕууат, лӕггад Ын кӕнат ӕмӕ Йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзат, уый тыххӕй!»


Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй! Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй! Ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут!


Уый фӕстӕ ист ӕрцыди Уаз Цӕрӕн. Гершоны фырттӕ ӕмӕ Мерарийы фырттӕ систой Уаз Цӕрӕн ӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой.


Уый фӕстӕ Кехаты байзӕддӕгтӕ уаз дзауматӕ систой ӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой. (Сӕ бацыдмӕ Уаз Цӕрӕн хъуамӕ ног бынаты ӕвӕрд ӕрцыдаид.)


Аароны бӕсты дӕр ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы бӕсты дӕр уыдон хъуамӕ лӕггад кӕной Фембӕлды Цатыры: Уаз Цӕрӕны алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.


Бакӕн левитты Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕлбар; израилӕгты ’хсӕн уыдон Ааронӕн лӕвӕрд сты.


Израилӕгтӕм цы хауы, уымӕн та йӕ алы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕм хайӕ дӕр — адӕмӕй, стуртӕй, хӕрджытӕй, лыстӕг фосӕй, ӕппӕт хӕдзарон фосӕй — иу сӕр рахицӕн кӕн ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цатыры лӕггадгӕнӕг левиттӕн ратт».


Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.


Уый — Гершоны байзӕддӕгты куыст Фембӕлды Цатыры, сауджын Аароны фырт Итамары дӕлбар.


Уый — Мерарийы байзӕддӕгты куыст Фембӕлды Цатыры, сауджын Аароны фырт Итамары разамындӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan