6 «Фӕсид Левийы мыггагмӕ ӕмӕ сӕ сауджын Аароны дӕлбар бакӕн, уадз ӕмӕ йын лӕггад кӕной.
Стӕй Давид загъта: «Ӕрмӕстдӕр левиттӕн ис Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссыны бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдоны равзӕрста Фидыды Чырын хӕссынӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн мыггагмӕ лӕггад кӕнынӕн».
Уыдонӕн сӕ хӕс уыди Аароны байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕджы хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Сӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны кӕртытӕ ӕмӕ хатӕнтӕ. Се ’вджид ма сын бакодтой ӕппӕт уаз дзауматӕ сыгъдӕгӕй дарын, стӕй Хуыцауы хӕдзары иннӕ куыстытӕ дӕр кӕнын.
Афтӕмӕй сӕ бӕрны уыди Фембӕлды Цатыры куыст ӕмӕ Кувӕндоны куыст; хъуамӕ се ’рвадӕлтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс кодтаиккой Дунедарӕджы хӕдзары.
Мӕнӕ, сӕ фырттимӕ лӕггад чи кодта, уыдон: Кехаты мыггагӕй: Хеман, зарӕггӕнӕг; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Иоел, Самуел,
Мӕ хъӕбултӕ, ӕнӕмӕт ма ут! Дунедарӕг уӕ равзӕрста, цӕмӕй Йӕ разы лӕууат, лӕггад Ын кӕнат ӕмӕ Йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзат, уый тыххӕй!»
Цӕмӕй Хуыцауӕн Йерусалимы лӕггад кӕной, уый тыххӕй сауджынты, кӕмӕн цы ран ӕмбӕлы, уым ӕрлӕууын кодтой, левитты та сӕ радмӕ гӕсгӕ, Моисейы чиныджы куыд амынд ис, афтӕ.
Ӕмӕ уӕд, Левиимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый кӕй ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ахӕм бардзырд уымӕн кӕй радтон, уый базондзыстут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Фембӕлды Цатырӕн цы куыст кӕнынц, уый ныхмӕ Левийы байзӕддӕгтӕн зӕххы хайы бӕсты Ӕз дӕттын, Израилы цыдӕриддӕр ис, уымӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай.
Фӕндагыл Уаз Цӕрӕн ӕмӕ левиттӕ хъуамӕ уой ӕфсӕдты астӕу. Рӕсӕнуаты чи куыд лӕууыд, фӕндагыл дӕр сын афтӕ цӕугӕ у: алчи — йӕхи бынаты, йӕхи ӕфсадимӕ.
Уыимӕ левиттӕ израилӕгты хыгъдмӕ хаст не ’рцыдысты, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Уыцы рӕстӕджы Дунедарӕг Левийы мыггаджы фӕхицӕн кодта, цӕмӕй Фидыды Чырын хӕссой, Дунедарӕджы раз уой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной; цӕмӕй Йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.