5 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Сауджын левиттӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕсдзысты, хойраджы хуынтӕ Мын судздзысты».
Мӕ Кувӕндоны кусдзысты дуаргӕстӕй ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕй. Адӕмӕн ӕргӕвддзысты сӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывондӕгтӕ, лӕудзысты сӕ цуры ӕмӕ сын лӕггад кӕндзысты.
Дӕхи мыггагмӕ, Левийы мыггагмӕ, фӕсид, цӕмӕй дӕ уӕлхъус уой ӕмӕ дын ӕххуыс кӕной, ды дӕ фырттимӕ Фембӕлды Цатыры раз лӕггад куы кӕнай, уӕд.
Надав ӕмӕ Авигу ӕрбамардысты, Дунедарӕджы размӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры нӕфӕтчиаг арт куы бахастой, уӕд; цот сын нӕ баззад. Елеазар ӕмӕ Итамар та сӕ фыд Аароны къухдариуӕгӕй сауджынлӕггад кодтой.
«Фӕсид Левийы мыггагмӕ ӕмӕ сӕ сауджын Аароны дӕлбар бакӕн, уадз ӕмӕ йын лӕггад кӕной.
ӕмӕ, куыд израилӕгты лӕвар, афтӕ снывонд кӕнӕд левитты Дунедарӕгӕн Аарон. Уый фӕстӕ левиттӕн сӕ бон у Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын.