45 «Райс левитты Израилы фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ, левитты фос та — уыдоны фосы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн: Ӕз — Дунедарӕг.
Хӕрӕджы фыццаг нӕл къӕлӕу-иу баивут фысы фыццаг нӕл уӕрыккӕй. Куынӕ йӕ баиват, уӕд-иу ын асӕттут йӕ бӕрзӕй. Уӕ алы фыццаг фырты дӕр-иу балхӕнут Мӕнӕй. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.
Ӕмӕ уӕд, Левиимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый кӕй ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ахӕм бардзырд уымӕн кӕй радтон, уый базондзыстут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Ӕз равзӕрстон уе ’фсымӕрты, левитты, израилӕгты ’хсӕнӕй ӕмӕ уын сӕ дӕттын, уый Мӕ лӕвар сымахӕн. Дунедарӕгӕн лӕвӕрд сты уыдон, цӕмӕй кусой Фембӕлды Цатыры.
«Израилӕгты ӕхсӕн Ӕз равзӕрстон левитты. Мӕхицӕн сӕ исын израилӕгты хистӕр зӕнӕджы ныхмӕ — мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Мӕнӕн лӕвӕрд сты уыдон иннӕ израилӕгты ’хсӕн. Мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ, израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ сӕ Ӕз райстон Мӕхицӕн.