Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 3:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Ӕз — Дунедарӕг! Рахицӕн кӕн левитты Мӕнӕн израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ, левитты фос та — израилӕгты фосы фыццаг цӕуӕты ныхмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 3:41
10 Iomraidhean Croise  

Дӕу у, адӕймагӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр, Дунедарӕгӕн нывонд кӕй кӕнынц, уыцы фыццаг цӕуӕт. Адӕймаджы фыццаг зӕнӕджы балхӕнын ӕмбӕлы, ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕты дӕр афтӕ.


«Израилӕгты ӕхсӕн Ӕз равзӕрстон левитты. Мӕхицӕн сӕ исын израилӕгты хистӕр зӕнӕджы ныхмӕ — мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн.


Уымӕн ӕмӕ Мӕн у алы фыццаг зӕнӕг дӕр. Мысыры алы фыццаг цӕуӕты куы ныццагътон, уӕд Мӕхицӕн рахицӕн кодтон Израилы алы фыццаг цӕуӕты дӕр — адӕймагӕй фосы онг. Мӕн сты уыдон. Ӕз — Дунедарӕг».


Банымадта Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ, Израилы нӕлгоймӕгтӕй фыццаг зӕнӕг чидӕриддӕр уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


«Райс левитты Израилы фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ, левитты фос та — уыдоны фосы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн: Ӕз — Дунедарӕг.


Мӕнӕн лӕвӕрд сты уыдон иннӕ израилӕгты ’хсӕн. Мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ, израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ сӕ Ӕз райстон Мӕхицӕн.


Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».


Ӕппӕт адӕмы балхӕнынӕн Уый Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, — афон кӕй ӕрцыд, уый нысанӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan