Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 3:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Мерарийы байзӕддӕгты бӕрны сты: Цатыры хъайвантӕ, ӕвдузӕнтӕ, цӕджындзтӕ, бындуртӕ ӕмӕ ӕппӕт гӕрзтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 3:36
14 Iomraidhean Croise  

Ӕрцауындз ӕй сыгъзӕринастӕрд цыппар акъаци цӕджындзыл, сыгъзӕрин къӕпсыртӕ сыл, цӕджындзтӕн — цыппар ӕвзист бынӕнцайӕны.


Ацы дуарӕмбӕрзӕнӕн скӕн фондз акъаци цӕджындзы, састӕр сӕ сыгъзӕринӕй ӕмӕ сыл бакӕн сыгъзӕрин къӕпсыртӕ. Цӕджындзтӕн ӕрхуыйӕ рацӕгъд фондз бынӕнцайӕны.


Цатыр ӕмӕ йӕ сӕр йе ’ддаг ӕмбӕрзӕнимӕ, йӕ къӕпсыртӕ, йӕ фӕлгӕттӕ, йӕ хъилтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ йӕ бынӕнцайӕнтӕ,


Цатыр ныффидар кӕнынӕн — михтӕ, кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн ныффидар кӕнынӕн — михтӕ ӕмӕ бӕндӕнтӕ.


Дуарӕмбӕрзӕнӕн скодтой цыппар акъаци цӕджындзы, састӕрдтой сӕ сыгъзӕринӕй, бакодтой сыл сыгъзӕрин къӕпсыртӕ ӕмӕ сын рацагътой цыппар ӕвзист бынӕнцайӕны.


Моисеймӕ ӕрбахастой Цатыр — йӕ уӕфтӕгтӕ ӕд ӕппӕт дзауматӕ: къӕпсыртӕ, фӕлгӕттӕ, хъилтӕ, цӕджындзтӕ, бынӕнцайӕнтӕ;


Мерарийы байзӕддӕгты фӕтӕг — Цуриел, Авихаилы фырт; Цатырӕй цӕгатӕрдӕм лӕугӕ у уыдонӕн.


Кӕрты алыварс цы цӕджындзтӕ ис, уыдонӕн сӕ бындуртӕ, цурчытӕ, бӕндӕнтӕ дӕр уыдоны бӕрны сты.


цыппар уӕрдоны ӕмӕ аст галы та — Мерарийы байзӕддӕгтӕн, цӕмӕй сауджын Аароны фырт Итамары разамындӕй кусой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan