35 Мерарийы байзӕддӕгты фӕтӕг — Цуриел, Авихаилы фырт; Цатырӕй цӕгатӕрдӕм лӕугӕ у уыдонӕн.
Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис».
Даны ӕфсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд цӕгатӕрдыгӕй; Даны байзӕддӕгты фӕтӕг — Ахиезер, Амишаддайы фырт.
Хыгъд сӕ чи ӕрцыд, уыцы иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — ӕхсӕз мин дыууӕсӕдӕ.
Мерарийы байзӕддӕгты бӕрны сты: Цатыры хъайвантӕ, ӕвдузӕнтӕ, цӕджындзтӕ, бындуртӕ ӕмӕ ӕппӕт гӕрзтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.