34 Хыгъд сӕ чи ӕрцыд, уыцы иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — ӕхсӕз мин дыууӕсӕдӕ.
Рувимы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.
Йе ’фсӕддон къорды — цыппор ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.
Иудӕйы ӕфсады нымӕц ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ ӕстай ӕхсӕз мин цыппарсӕдӕ; уыдонӕн разӕй цӕугӕ у.
Мерарийӕ — Махлийы мыггаг, Мушийы мыггаг. Уый — Мерарийы байзӕддӕгтӕ.
Мерарийы байзӕддӕгты фӕтӕг — Цуриел, Авихаилы фырт; Цатырӕй цӕгатӕрдӕм лӕугӕ у уыдонӕн.