Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 3:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Левитты фӕтӕгты сӕргъы — Елеазар, сауджын Аароны фырт; уый йӕ цӕст дары, уаз дзауматӕ кӕй бӕрны сты, уыдонмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 3:32
12 Iomraidhean Croise  

Невузардан ӕрцахсын кодта алчер Серайы, стӕй уымӕн йӕ хӕдивӕг Софониайы ӕмӕ ма ноджы кулдуары цур хъалагъур хӕссӕг ӕртӕ лӕджы.


Авишуагъ, Пинхас ӕмӕ Елеазары байзӕддаг, алчер Аароны фырт —


Уыцы лӕг мын загъта: «Йе ’ргом хуссарӕрдӕм кӕмӕн у, уыцы агъуыст лӕвӕрд у Кувӕндоны кусӕг сауджынтӕн,


Уыдоны бӕрны сты: Чырын, фынг, цырагъдарӕн, нывондхӕссӕнтӕ, хуыцаулӕггады уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕн. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.


Мерарийӕ — Махлийы мыггаг, Мушийы мыггаг. Уый — Мерарийы байзӕддӕгтӕ.


Сауджын Аароны фырт Елеазары бӕрны сты цырагъдарӕны сой, будусудзӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, ӕрвылбоны хойраджы хуын ӕмӕ сӕрдӕн сой. Йӕ бӕрны сты Уаз Цӕрӕн ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон: уаз дзауматӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ».


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сын куыд дзурой, афтӕ кусдзысты ӕмӕ сӕ хӕссинаг хӕсдзысты Гершоны байзӕддӕгтӕ. Уыцы хӕссинаг сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис.


мыггаггай, хӕдзаргай сӕ банымайгӕйӕ, уыдысты дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ ӕртын.


Фембӕлды Цатыр кӕй бӕрны ис, йӕ уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕд, фӕлӕ йӕхӕдӕг мауал кусӕд. Ахӕм уынаффӕтӕ хъуамӕ рахӕссай ды левитты лӕггады фӕдыл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan