Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 3:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Уыдоны бӕрны сты: Чырын, фынг, цырагъдарӕн, нывондхӕссӕнтӕ, хуыцаулӕггады уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕн. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 3:31
15 Iomraidhean Croise  

Бецалел акъацийӕ сарӕзта Фидыды Чырын, йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ бӕрзӕнд дӕр — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг.


Цатырӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕрӕвӕрдта хихсӕн аг ӕмӕ дзы дон ныккодта.


Кехаты байзӕддӕгты фӕтӕг — Елцафан, Уззиелы фырт.


Левитты фӕтӕгты сӕргъы — Елеазар, сауджын Аароны фырт; уый йӕ цӕст дары, уаз дзауматӕ кӕй бӕрны сты, уыдонмӕ.


Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй мигӕнӕны бын не ’вӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, цӕмӕй хӕдзары алкӕмӕн дӕр рухс кӕна.


Уыцы рӕстӕджы Дунедарӕг Левийы мыггаджы фӕхицӕн кодта, цӕмӕй Фидыды Чырын хӕссой, Дунедарӕджы раз уой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной; цӕмӕй Йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan