30 Кехаты байзӕддӕгты фӕтӕг — Елцафан, Уззиелы фырт.
Уззиелы фырттӕ: Мишаел, Елцафан, Ситри.
Моисей фӕдзырдта Аароны фыды ’фсымӕр Уззиелы фырттӕм, Мишаел ӕмӕ Елцафанмӕ. Загъта сын: «Рацӕут ӕмӕ уӕ хӕстӕджыты мӕрдтӕ Уаз Цӕрӕнӕй рӕсӕнуаты ӕддемӕ ахӕссут».
Кехатӕй — Амрамы мыггаг, Ицхары мыггаг, Хевроны мыггаг, Уззиелы мыггаг. Уый — Кехаты байзӕддӕгтӕ.
Кехаты байзӕддӕгтӕн Цатырӕй хуссарӕрдӕм лӕугӕ у.
Уыдоны бӕрны сты: Чырын, фынг, цырагъдарӕн, нывондхӕссӕнтӕ, хуыцаулӕггады уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕн. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.
Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.
Кехаты байзӕддӕгтӕн Фембӕлды Цатыры сӕ бӕрны сты иууылуаз дзауматӕ.