28 Хыгъд сӕ чи ӕрцыди, уыцы иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — аст мин ӕхсӕзсӕдӕ, уыдон та Уаз Цӕрӕнмӕ сӕ цӕст дардзысты.
Кехатӕй — Амрамы мыггаг, Ицхары мыггаг, Хевроны мыггаг, Уззиелы мыггаг. Уый — Кехаты байзӕддӕгтӕ.
Кехаты байзӕддӕгтӕн Цатырӕй хуссарӕрдӕм лӕугӕ у.
Уыдоны бӕрны сты: Чырын, фынг, цырагъдарӕн, нывондхӕссӕнтӕ, хуыцаулӕггады уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕн. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.
Аароны бӕсты дӕр ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы бӕсты дӕр уыдон хъуамӕ лӕггад кӕной Фембӕлды Цатыры: Уаз Цӕрӕны алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.