26 Цатыр ӕмӕ кӕрты ӕмбонд нывондхӕссӕны алыварс, кӕрты дуарӕмбӕрзӕн ӕмӕ бӕндӕнтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.
Цатыр ныффидар кӕнынӕн — михтӕ, кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн ныффидар кӕнынӕн — михтӕ ӕмӕ бӕндӕнтӕ.
Кехатӕй — Амрамы мыггаг, Ицхары мыггаг, Хевроны мыггаг, Уззиелы мыггаг. Уый — Кехаты байзӕддӕгтӕ.
Мӕнӕ — Гершоны байзӕддӕгты куыст, сӕ бӕрны цы хӕссинаг ис, уый.