Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 3:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Уаз Цӕрӕны Гершоны байзӕддӕгтӕн сӕ бӕрны сты: Цатыр, Цатыры царӕмбӕрзӕн ӕмӕ Цатыры дуарӕмбӕрзӕн,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 3:25
23 Iomraidhean Croise  

Афтӕмӕй сӕ бӕрны уыди Фембӕлды Цатыры куыст ӕмӕ Кувӕндоны куыст; хъуамӕ се ’рвадӕлтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс кодтаиккой Дунедарӕджы хӕдзары.


Езекиа скодта сауджынтӕ ӕмӕ левитты уаз куысты рад, кӕмӕ дзы цы хӕс хауди, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссой, уаз куыст кӕной, арфӕ ӕмӕ кады зарджытӕй Дунедарӕджы стауой асадӕны кулдуары раз.


Скӕнут Мын Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматӕ, Ӕз дын цы хуызӕг равдисдзынӕн, уымӕ гӕсгӕ.


Цатыры сӕрыл ӕрытыдта ӕмбӕрзӕн, ууыл та — дыккаг ӕмбӕрзӕн, — Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Цатыры бацӕуӕныл ӕрцауыгъта дуарӕмбӕрзӕн.


Левиттӕн бабар кӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, цыдӕриддӕр ӕм хауы, уыдонмӕ. Хӕссӕнт Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, сӕ цӕст дарӕнт Цатырмӕ. Сӕ рӕсӕнуат — йӕ алыварс.


Уый фӕстӕ ист ӕрцыди Уаз Цӕрӕн. Гершоны фырттӕ ӕмӕ Мерарийы фырттӕ систой Уаз Цӕрӕн ӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой.


Гершоны байзӕддӕгты фӕтӕг — Елйасаф, Лаелы фырт.


Аароны бӕсты дӕр ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы бӕсты дӕр уыдон хъуамӕ лӕггад кӕной Фембӕлды Цатыры: Уаз Цӕрӕны алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.


Дыууӕ уӕрдоны ӕмӕ цыппар галы Гершоны байзӕддӕгтӕн радта сӕ куысты ӕууӕлтӕм гӕсгӕ,


Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар ныууагъта, алкӕмӕн дӕр дзы бӕлвырд хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уа.


Зӕгъут Архиппӕн: «Бардарӕг дын дӕ бӕрны цы куыст бакодта, ууыл у ӕнувыд — кӕронмӕ йӕ ахӕццӕ кӕн».


Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan