Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 3:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши, сӕ мыггӕгтимӕ. Уый — Левийы байзӕддӕгты мыггӕгтӕ сӕ фыдӕлтимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 3:20
15 Iomraidhean Croise  

Мерарийы мыггаджы раздзог Асайа ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — дыууӕсӕдӕ дыууын лӕгмӕ;


Йедутуны фырттӕ: Гедалиа, Цери, Исайа, Шими, Хашавиа ӕмӕ Маттитиа, ӕхсӕз. Разамынд сын лӕвӕрдта сӕ фыд Йедутун, йӕ пехуымпариуӕгӕй ӕмӕ хъисфӕндыры цагъдӕй Дунедарӕгӕн кад ӕмӕ арфӕгӕнӕг.


Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши. Мӕнӕ левитты мыггӕгтӕ сӕ фыдӕлтӕм гӕсгӕ.


Мерарийы байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт Махли, уый фырт Ливни, уый фырт Шими, уый фырт Узза,


Уӕд левиттӕ сӕ куысты уӕлхъус ӕрлӕууыдысты: Кехаты байзӕддӕгтӕй: Амасайы фырт Махат ӕмӕ Азариайы фырт Иоел; Мерарийы байзӕддӕгтӕй: Авдийы фырт Киш ӕмӕ Йехаллелелы фырт Азариа; Гершоны байзӕддӕгтӕй: Зиммайы фырт Йоах ӕмӕ Йоахы фырт Еден; Елицафаны байзӕддӕгтӕй: Шимри ӕмӕ Йеиел; Асафы байзӕддӕгтӕй: Захариа ӕмӕ Маттаниа; Хеманы байзӕддӕгтӕй; Йехиел ӕмӕ Шими; Йедутуны байзӕддӕгтӕй: Шемайа ӕмӕ Уззиел.


Сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ номхыгъдтӕм хаст ӕрцыдысты сауджынтӕ, стӕй левиттӕ — сӕ къордтӕ ӕмӕ сӕ куысты хӕстӕм гӕсгӕ, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ.


Мӕнӕ Левийы фырттӕ куыд хистӕрӕй: Гершон, Кехат, Мерари. Левий фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы.


Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши. Уый — Левийы артӕй уӕрст мыггӕгтӕ куыд хистӕрӕй.


Левийы мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй; Шимийы мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй.


Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон ӕмӕ Уззиел, сӕ мыггӕгтимӕ;


Гершонӕй — Ливнийы мыггаг ӕмӕ Шимийы мыггаг. Уый — Гершоны байзӕддӕгтӕ.


Мерарийӕ — Махлийы мыггаг, Мушийы мыггаг. Уый — Мерарийы байзӕддӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan