16 Ӕмӕ сӕ банымадта Моисей, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.
Гъемӕ афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ. Йосеф сын фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ радта уӕрдӕттӕ, стӕй ма фӕндаггаг дӕр.
«Банымай Левийы байзӕддӕгты хӕдзаргай, мыгаггай; нӕлгоймагӕй дзы чидӕриддӕр ис, иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕртӕ, уыдоны се ’ппӕты дӕр банымай».
Мӕнӕ Левийы фырттӕ номхуындӕй: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари.
Дунедарӕджы бардзырдмӕ гӕсгӕ Моисей ӕмӕ Аарон мыггаггай кӕй банымадтой, уыцы левиттӕ, иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕдӕппӕтӕй дыууын дыууӕ мины.
Моисей радта уыцы ӕвзист Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сын куыд дзурой, афтӕ кусдзысты ӕмӕ сӕ хӕссинаг хӕсдзысты Гершоны байзӕддӕгтӕ. Уыцы хӕссинаг сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис.
Уый — Кехаты байзӕддӕгтӕй Фембӕлды Цатыры чи хъуамӕ лӕггад кодтаид, уыдоны нымӕц. Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ сӕ Моисей ӕмӕ Аарон банымадтой.
Уый — Гершоны байзӕддӕгтӕй Фембӕлды Цатыры чи хъуамӕ лӕггад кодтаид, уыдоны нымӕц. Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ сӕ Моисей ӕмӕ Аарон банымадтой.
Уый — Мерарийы байзӕддӕгты нымӕц. Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ сӕ Моисей ӕмӕ Аарон банымадтой.
Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ нымад ӕрцыдысты ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр сбӕлвырд ис йӕ куыст ӕмӕ йӕ хӕс. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, алцыдӕр афтӕ бакодтой.
Стӕй ӕрбацӕуӕнт сауджынтӕ, Левийы байзӕддӕгтӕ: уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын лӕггадгӕнӕг уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй арфӕ кӕной, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды быцӕу дӕр ӕмӕ уӕнгсаст фӕкӕныны фӕдыл цыфӕнды хъуыддаг равзарын дӕр уыдонмӕ хауы.