Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 29:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Акусарт-иу кӕнут иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: иу уӕныг, иу фыр, авд фыргуисты — ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 29:2
9 Iomraidhean Croise  

Ӕвдӕм мӕйы фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдтой Дунедарӕджы номыл, фӕлӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд нӕма уыди.


Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.


Дунедарӕгӕн ӕрхӕссут арты нывонд, иууылсудзинаг: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.


Ӕмӕ-иу ӕрхӕссут иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд нӕлгуисты.


Ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон та уын уӕд уазӕмбырд, мацы куыст кӕнут, уыцы бон-иу сыкъауадындзты уасын хъуысӕд.


Семӕ сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы — уӕныгӕн, дыууӕ дӕсӕймаджы — фырӕн,


Ӕмӕ-иу иууылсудзинагӕн, арты нывондӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, акусарт кӕнут иу уӕныг, иу фыр, авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.


Иууылсудзинаг нывонд-иу ӕрхӕссут Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan