8 Иннӕ уӕрыччы та, сӕумӕрайсом цы хуымилиаг ӕмӕ сӕны хуын ӕрбахӕссат, ахӕмимӕ дыууӕизӕрастӕу акусарт кӕн арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.
Кусарты хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын, уый фӕстӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд Дунедарӕгӕн.
Йӕ базыртыл ын, скъуынӕгау, фӕйнӕрдӕм ахӕцӕд, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы ма фӕкӕнӕд, нывондхӕссӕныл ӕй сугӕй арты басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.
Кусартӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын. Уый фӕстӕ сауджын кусарт ӕнӕхъӕнӕй нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.
Йемӕ — сӕн: алы уӕрыккӕн дӕр — гины цыппӕрӕм хай; уаз бынаты-иу акал сӕн Дунедарӕгӕн.
Сабаты та — дыууӕ ӕнӕсахъат уӕрыччы, семӕ — хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы сӕнимӕ.
Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ цы иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссут, уымӕй уӕлдай.