Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 28:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уый — ӕппӕты фыццаг Синайы хохыл хаст чи ӕрцыди, ӕрвылбоны уыцы арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 28:6
15 Iomraidhean Croise  

Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ.


Паддзах йӕ исбонӕй рахицӕн кодта райсомы ӕмӕ изӕры иууылсудзинӕгтӕн, стӕй сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты иууылсудзинӕгтӕн дӕр, Дунедарӕджы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ.


Ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ скодтой Халагъудты бӕрӕгбон ӕмӕ, цас ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ ӕрвылбон дӕр хастой бӕрӕгбӕрц иууылсудзинӕгтӕ.


Ӕнувыд зӕрдӕ ӕхцон у Дӕуӕн, Дӕ уӕлзондӕй мын срухс кодтай мӕ миддуне.


Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.


Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.


Алы райсом дӕр ыл хойраджы хуынӕн ӕфтау ссады ефӕйы ӕхсӕзӕм хай ӕмӕ оливӕйы сойы гины ӕртыццаг хай, ссад сызмӕнтынӕн. Уый у ӕрвылбоны уагӕвӕрд мыггагмӕ, Дунедарӕгӕн хойраджы хуын хӕссыны тыххӕй.


Ӕрвылрайсом дӕр иууылсудзинагӕн хӕссын хъӕуы фыс, стӕй хойраджы хуын ӕмӕ оливӕйы сой».


Адон сты, Дунедарӕг Синайы хохыл Моисейӕн, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй кӕй радта, уыцы фӕдзӕхстытӕ.


«Мӕнӕ иууылсудзинаг нывонд хӕссыны ӕгъдау: иууылсудзинаг нывонд-иу ӕхсӕв-бонмӕ баззайӕд нывондхӕссӕныл, кӕм ӕй басыгътой, уым. Нывондхӕссӕныл иудадзыг судзӕд арт.


Израилӕгтӕ! Дыууиссӕдз азы ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ размӕ нывӕндтӕ ӕмӕ хуынтимӕ цыдыстут?


Хуымилиагӕн та — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы иу дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй.


Йемӕ — сӕн: алы уӕрыккӕн дӕр — гины цыппӕрӕм хай; уаз бынаты-иу акал сӕн Дунедарӕгӕн.


Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕд дӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕнын уе ’ппӕтимӕ дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan