5 Хуымилиагӕн та — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы иу дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй.
(Омер у ефӕйы дӕсӕймаг хай.)
Алы райсом дӕр ыл хойраджы хуынӕн ӕфтау ссады ефӕйы ӕхсӕзӕм хай ӕмӕ оливӕйы сойы гины ӕртыццаг хай, ссад сызмӕнтынӕн. Уый у ӕрвылбоны уагӕвӕрд мыггагмӕ, Дунедарӕгӕн хойраджы хуын хӕссыны тыххӕй.
Дунедарӕгӕн хойраджы хуын чи хӕсса, уый хъуамӕ райса мӕнӕуы ссад, ӕркӕна йыл оливӕйы сой, ӕрӕвӕра йыл буд
Иу уӕрыкк-иу райсомӕй акусарт кӕн, иннӕ — дыууӕизӕрастӕу.
Уый — ӕппӕты фыццаг Синайы хохыл хаст чи ӕрцыди, ӕрвылбоны уыцы арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.
Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ; дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;