Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 28:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Мын Мӕ хуын, Мӕ хуымилиаг, Мӕ иууылсудзинаг нывонд ӕхцон хӕрздӕфӕн йӕ афоныл хӕссой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 28:2
32 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.


Хъуамӕ-иу, Дунедарӕгӕн алы иууылсудзинаг хӕссынафон, сабаттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, ӕдзух лӕууыдаиккой Дунедарӕджы раз, бӕрӕг нымӕцӕй, куыд сын фӕдзӕхст уыди, афтӕ.


Уый фӕстӕ Йехода Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ бабар кодта сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, кӕддӕр сын паддзах Давид цы уаг ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ, — уый сын бахӕс кодта цины зарджытимӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ.


Паддзах йӕ исбонӕй рахицӕн кодта райсомы ӕмӕ изӕры иууылсудзинӕгтӕн, стӕй сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты иууылсудзинӕгтӕн дӕр, Дунедарӕджы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ.


Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой.


Кӕд ӕндӕрбӕстаг адӕмтӕй ӕдас нӕ уыдысты, уӕддӕр нывондхӕссӕн йӕ бынаты сӕвӕрдтой ӕмӕ йыл иууылсудзинӕгтӕ, сӕумӕйы ӕмӕ изӕры иууылсудзинӕгтӕ, судзын райдыдтой Дунедарӕджы номыл.


Сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ дзыллӕ хӕлттӕ сӕппӕрстой, нысангонд рӕстӕгмӕ нӕ хӕдзарвӕндӕгтӕй суг кӕцы хъуамӕ ӕрбаласа нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ, уый тыххӕй, цӕмӕй, Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ, арт судза Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕныл.


Мӕгуырты ӕмӕ сидзӕрты сӕрыл хӕцут, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕмӕн рӕстаг тӕрхон хӕссут!


Фыццаджыдӕр, бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы (уыцы мӕй рацыдыстут Мысырӕй) нысангонд бонты, авд боны дӕргъы, хӕрут донгонд дзултӕ. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.


ӕмӕ йӕ афтӕмӕй иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудз. Уый у иууылсудзинаг нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Цы хойраг дын лӕвӕрдтон, цы ӕвзаргӕ ссадӕй конд дзул, оливӕйы сой ӕмӕ дӕ мыдӕй хастон, уыдон дӕр-иу сын сӕ разы ӕрӕвӕрдтай ӕхцон хӕрздӕфы охыл. Афтӕ уыди уый, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Хӕрздӕф будау Мын суыдзыстут ӕхцон, цы адӕмтӕ ӕмӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй уӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд; афтӕ Ӕз ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый.


Уымӕн та йӕ хӕс у адӕмы ифтонг кӕнын иууылсудзинӕгтӕй, хойраджы хуынтӕй ӕмӕ сӕнӕй — сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, Израилы адӕмы ӕппӕт бӕрӕгбӕтты заман, цӕмӕй-иу Израилы адӕм сӕхи ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй хӕссой тӕригъӕды нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ».


Кусарты хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын, уый фӕстӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Йӕ базыртыл ын, скъуынӕгау, фӕйнӕрдӕм ахӕцӕд, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы ма фӕкӕнӕд, нывондхӕссӕныл ӕй сугӕй арты басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Кусартӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын. Уый фӕстӕ сауджын кусарт ӕнӕхъӕнӕй нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Уаз уӕнт сӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕссынц нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, хойраг — сӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ хъуамӕ уой уаз.


Сауджыны уазыл нымай, уымӕн ӕмӕ уый хӕссы хойраг дӕ Хуыцауӕн. Сауджынмӕ уазы цӕстӕй кӕс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.


Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уыдон арты хойраг сты — Дунедарӕгӕн хаст нывонд.


Сымах Мын цъыф калут Мӕ номыл, афтӕ уӕм кӕсы, цыма Дунедарӕджы фынг уаз нӕу. Йӕ уӕлӕ йын цы хойраг сӕвӕрынц, уый кады аккаг нӕ кӕнут.


Мӕ нывондхӕссӕнмӕ Мын нӕфӕтчиаг дзул ӕрбахӕссут ӕмӕ ма уый фӕстӕ дзурут, цӕмӕй Дӕ кӕнӕм ӕгад, зӕгъгӕ. Дунедарӕджы фынг кады аккаг нӕу, зӕгъгӕ, кӕй дзурут, уымӕй.


Кӕд ӕмӕ дзыллӕйы аххосӕй ӕрцыди рӕдыд, уӕд дзыллӕ иумӕйагӕй ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывонд — гал, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хойраджы хуын ӕмӕ сӕнимӕ, стӕй тӕригъӕды нывондӕн — сӕгъ.


ӕмӕ Дунедарӕгӕн уе стуртӕ кӕнӕ уӕ фысвосӕй нывӕндтӕ куы хӕссат — иууылсудзинаг нывонд уа ӕви сомыйы нывонд, бархийы нывонд, бӕрӕгбоны фӕдыл ӕви ӕндӕр исты нывонд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн куы судзат,


гины ӕртыццаг хай та сӕн. Уый уыдзӕни Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Дунедарӕгӕн ӕппӕт уыцы нывӕндтӕ хӕссут нысангонд бонты, сомы бакӕнгӕйӕ кӕнӕ Йын барвӕндонӕй ӕд хуымилиаг ӕмӕ сӕн цы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссут, уыдонӕй уӕлдай».


Сыгъдӕг чи у, фӕндагыл чи нӕ уыд ӕмӕ афтӕмӕй Куадзӕны нывонд чи не ’рхаста, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн йӕ афоныл нывонд не ’рхаста; тӕригъӕды азар баййафдзӕн уыцы адӕймаджы.


ӕмӕ загътой: «Мах марды буарыл андзӕвыдыстӕм ӕмӕ сыгъдӕг не стӕм. Ау, иннӕ израилӕгтимӕ нын йӕ афоныл Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссыны бар нӕй?»


Уымӕн ӕмӕ махӕй цӕуы Чырыстийы уацы хӕрздӕф, ӕмӕ уый Хуыцауы кадӕн у. Уыцы хӕрздӕф ӕнхъӕвзы фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытыл дӕр ӕмӕ сӕфты фӕндагыл цӕуджытыл дӕр.


Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.


Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan