13 Алы уӕрыккимӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай. Уый у иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.
Фыццаг уӕрыккимӕ-иу ӕрбахӕсс хуын — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, къухӕй лӕмӕрст оливӕйы соимӕ хӕццӕйӕ — гины цыппӕрӕймаг хай, стӕй гины цыппӕрӕймаг хай сӕн.
Нывондаг фыримӕ хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссын ӕмбӕлы мӕнӕуы ссады ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы оливӕйы сойы гины ӕртыццаг хаимӕ змӕстӕй,
Алы уӕныгимӕ — йӕ хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы; алы фыры хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаджы.
Семӕ та хъуамӕ уа сӕн: гины ӕрдӕг — уӕныгимӕ, гины ӕртыккаг хай — фыримӕ, гины цыппӕрӕм хай — уӕрыккимӕ. Уый — иууылсудзинаг нывонд афӕдзы алы мӕйноджы дӕр.