Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 28:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 28:1
17 Iomraidhean Croise  

Хъуамӕ-иу, Дунедарӕгӕн алы иууылсудзинаг хӕссынафон, сабаттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, ӕдзух лӕууыдаиккой Дунедарӕджы раз, бӕрӕг нымӕцӕй, куыд сын фӕдзӕхст уыди, афтӕ.


Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ.


Уый фӕстӕ Йехода Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ бабар кодта сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, кӕддӕр сын паддзах Давид цы уаг ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ, — уый сын бахӕс кодта цины зарджытимӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ.


Паддзах йӕ исбонӕй рахицӕн кодта райсомы ӕмӕ изӕры иууылсудзинӕгтӕн, стӕй сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты иууылсудзинӕгтӕн дӕр, Дунедарӕджы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ.


Кӕддӕр Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ уыцы нывондхӕссӕныл хаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ — сабӕттӕ, мӕйноджы бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ афӕдзы ӕртӕ стыр бӕрӕгбоны рӕстӕг: Донгонд дзулты бӕрӕгбоны, Къуыриты бӕрӕгбоны ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбоны.


Уӕларвон Хуыцауы номыл иууылсудзинӕгтӕн родӕй, фырӕй, уӕрыккӕй цы бахъӕуа, стӕй хорӕй, цӕххӕй, сӕнӕй, оливӕйы сойӕ йерусалимаг сауджынтӕ цас зӕгъой, уый бӕрц сын алы бон дӕр ӕнӕкъуылымпыйӕ лӕвӕрд цӕуӕд.


ӕрвылбоны хойраджы хуынтӕн ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинӕгтӕн; сабӕттӕн; мӕйногтӕн; бӕрӕгбӕттӕн; Кувӕндоны уаз дзауматӕн; Израилы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕгтӕн ӕмӕ, нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕн.


Дзӕгъӕлы Мын хӕссут хуынтӕ, Мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис уӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй. Уӕ мӕйног ӕмӕ уӕ сабат — уӕнгӕл сты фыдгӕнджыты бӕрӕгбӕттӕ.


Быцӕйуаг хъуыддӕгты тыххӕй-иу ӕрлӕууӕнт тӕрхоны раз ӕмӕ-иу алы хъуыддаг дӕр райхалӕнт Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ. Ӕххӕст Мын кӕнӕнт Ме ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ, стӕй Мӕ сабаты ӕгъдӕуттӕ.


Уымӕн та йӕ хӕс у адӕмы ифтонг кӕнын иууылсудзинӕгтӕй, хойраджы хуынтӕй ӕмӕ сӕнӕй — сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, Израилы адӕмы ӕппӕт бӕрӕгбӕтты заман, цӕмӕй-иу Израилы адӕм сӕхи ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй хӕссой тӕригъӕды нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ».


Бӕрӕгбӕтты заман-иу адӕмы фӕтӕг гал-нывондимӕ ӕмӕ фыр-нывондимӕ хойраджы хуынтӕн ӕрхӕссӕд ссады фӕйнӕ ефӕйы, уӕрыччытимӕ та — йӕ къух цас амона, уый бӕрц, стӕй ссады ефӕимӕ — оливӕйы сойы иу гин.


Уый фӕстӕ Аарон ӕрхаста нывӕндтӕ адӕмы тыххӕй. Адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны тыххӕй аргӕвста цӕу ӕмӕ йӕ тӕригъӕды нывондӕн ӕрхаста, уымӕй размӕ куыд бакодта, афтӕ.


йӕ арм ыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ ӕххӕстбарджын скодта, Дунедарӕг Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Мын Мӕ хуын, Мӕ хуымилиаг, Мӕ иууылсудзинаг нывонд ӕхцон хӕрздӕфӕн йӕ афоныл хӕссой.


гал, фыр ӕмӕ фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн;


Сымах бӕрӕг кӕнут сӕрмагонд бонтӕ, мӕйтӕ, рӕстӕджытӕ ӕмӕ азтӕ.


Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй исты бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan