4 Фырт ын кӕй нӕй, уый тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ фесӕфа нӕ фыды ном йӕ мыггагӕй? Хай нын скӕн нӕ фыды ’фсымӕрты ’хсӕн».
Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?
Рӕстгӕнджыты рухс хъӕлдзӕгӕй судзы, фыдгӕнджыты цырагъ та мынӕг кӕны.
«Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ уый, Дунедарӕджы ныхмӕ чи растад, уыцы бардзы нӕ уыди Корахы цӕдисонты ’хсӕн, фӕлӕ амард йӕхи тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йын фырттӕ нӕ баззад.
Ӕмӕ сын Моисей сӕ хъуыддаг Дунедарӕджы раз бавдыста.
Чызджытӕ сауджын Елеазармӕ, Нуны фырт Йешуамӕ ӕмӕ адӕмы хицӕуттӕм бацыдысты ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста не ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ махӕн дӕр фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн зӕххытӕ раттын». Ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ фыды ӕфсымӕртау лӕвӕрд ӕрцыди зӕххытӕ.