23 йӕ арм ыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ ӕххӕстбарджын скодта, Дунедарӕг Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Райс дӕхимӕ Нуны фырт Йешуайы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уыцы адӕймаджы, ӕмӕ йыл дӕ къух ӕрӕвӕр.
Ӕрлӕууын ӕй кӕн сауджын Елеазар ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, сбарджын ӕй кӕн сӕ разы.
Бакодта Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ: Йешуайы сауджын Елеазар ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз ӕрлӕууын кодта,
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Йешуайӕн дӕр загътон уӕд: „Дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы дыууӕ паддзахӕн цытӕ бакодта, уый. Ды цы паддзахӕдты сӕрты фӕцӕйцӕуай, уыдонӕн се ’пӕттӕн дӕр Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн.
Йешуайӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй фидар лӕууа ӕмӕ ма фӕцуда; ацы адӕмы разӕй уый ацӕудзӕн ӕмӕ, ды дардӕй кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхх сын уый байуардзӕн“.
Дунедарӕг бафӕдзӕхста Йешуайӕн, Нуны фыртӕн: «Ды бакӕндзынӕ израилӕгты, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕйы тыххӕй басомы кодтон, уырдӕм. Ма фӕцуд, фидар лӕуу — Ӕз уыдзынӕн демӕ».
Моисей Нуны фырт Йешуайыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Йешуа уӕлзондӕй схайджын ис. Израилӕгтӕ йӕ коммӕ кастысты ӕмӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кодтой.