19 Ӕрлӕууын ӕй кӕн сауджын Елеазар ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, сбарджын ӕй кӕн сӕ разы.
Дӕ кадӕй йӕ скадджын кӕн, цӕмӕй йӕм израилӕгты дзыллӕ иууылдӕр хъусой.
Йешуайӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй фидар лӕууа ӕмӕ ма фӕцуда; ацы адӕмы разӕй уый ацӕудзӕн ӕмӕ, ды дардӕй кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхх сын уый байуардзӕн“.
Дунедарӕг бафӕдзӕхста Йешуайӕн, Нуны фыртӕн: «Ды бакӕндзынӕ израилӕгты, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕйы тыххӕй басомы кодтон, уырдӕм. Ма фӕцуд, фидар лӕуу — Ӕз уыдзынӕн демӕ».
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг уӕ разӕй ацӕудзӕн. Ныццӕгъддзӕн Уый уымы цӕрджыты, ӕмӕ сӕ зӕхх сымах бауыдзӕн. Йешуа ацӕудзӕн уӕ разӕй, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.
Зӕгъут Архиппӕн: «Бардарӕг дын дӕ бӕрны цы куыст бакодта, ууыл у ӕнувыд — кӕронмӕ йӕ ахӕццӕ кӕн».
Хуыцауы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдты раз дӕуӕн фидарӕй фӕдзӕхсын уыцы амындтытӕ ӕххӕст кӕнын; уыимӕ макӕй хъулон кӕн, алкӕмӕ дӕр кӕс иухуызон цӕстӕй.