Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 27:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 «Дунедарӕг, ӕппӕт цӕрӕг удтӕн царды комулӕфт дӕттӕг Хуыцау, ацы дзыллӕйӕн сӕ сӕргъы ахӕм адӕймаджы сӕвӕрӕд,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 27:16
20 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ, зӕгъын, Кувӕндон саразон Дунедарӕгӕн, Мӕ Хуыцауӕн. Кӕддӕр Дунедарӕг уый кой ракодта мӕ фыд Давидӕн дӕр, зӕгъгӕ, Мӕ номыл Мын хӕдзар сараздзӕни дӕ фырт, дӕ фӕстӕ дын дӕ къӕлӕтджыны кӕй сбадын кӕнон, уый.


Ӕд гӕрзтӕ-иу лӕуут йӕ алыварс ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнут цӕстыгагуыйау, йӕ алы къахдзӕф дӕр уын барст куыд уа, афтӕ. Ӕввахс уӕм чидӕриддӕр бацӕуа, уый-иу амарут».


уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.


Мӕхи зӕрдӕмӕ чи цӕуа, ахӕм фыййӕутты уын ратдзынӕн, цӕмӕй уӕ уыдон куырыхонӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ хизой.


«Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт цӕрӕг удты Хуыцау. Мӕ бон саразын цы нӕу, ахӕмӕй исты ис?


Паддзах Цедекиа сусӕгӕй расомы кодта Йеремиайӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, цард нын Чи радта, Уымӕй! Нӕ дӕ амарын кӕндзынӕн ӕмӕ, дӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕм дӕр дӕ нӕ ратдзынӕн».


Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.


Мӕ фосы сӕргъы сӕвӕрдзынӕн иу фыййауы, чи сӕ хиза, уый — Мӕ цагъар Давиды. Уый сӕ хиздзӕн, уыдзӕни сӕ фыййау.


Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се ’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ.


Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?»


Ӕмӕ загъта Моисей Дунедарӕгӕн:


Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй Йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита».


Ӕз дӕн хорз фыййау; хорз фыййау йӕ цард ратты йӕ фысты сӕраппонд.


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ уӕ цӕст дарут. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд йӕ сӕргъы сӕвӕрдта разамынд дӕттынӕн, цӕмӕй хизат Хуыцауы Аргъуан — Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, уый.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Дӕуӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Фӕдзур Йешуамӕ, Фембӕлды Цатыры Мӕ разы ӕрлӕуут, ӕмӕ йӕ Ӕз бафӕдзӕхсон». Моисей ӕмӕ Йешуа бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ.


Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ!


Гъемӕ мӕнӕ, кӕй равзӕрстат, уыцы паддзах. Паддзах куырдтат, ӕмӕ уын ӕй Дунедарӕг сӕвӕрдта уӕ сӕргъы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan