Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 27:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕмӕ йӕм куы акӕсай, уӕд ды дӕр дӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзынӕ, де ’фсымӕр Аарон куыд фӕхъуыди, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 27:13
11 Iomraidhean Croise  

Измаел фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы, стӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыдис.


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди.


«Израилӕгты маст райс мидианӕгтӕй ӕмӕ уый фӕстӕ ацы дунейӕ ахицӕн уыдзынӕ».


Ӕмӕ сауджын Аарон Дунедарӕджы ныхасӕй ссыди Оры хохмӕ ӕмӕ уым амарди — израилӕгтӕ Мысыры бӕстӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ цыппорӕм азы фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон.


Мӕнмӕ дӕр фӕхъызыди Дунедарӕг сымах тыххӕй. Загъта мын: „Ды дӕр нӕ бацӕудзынӕ уыцы бӕстӕм!


Израилӕгтӕ та Беерот-Бене-Йааканӕй Мосерамӕ араст сты. Аарон уым амард, ӕмӕ йӕ уыцы ран баныгӕдтой. Йӕ бӕсты сауджын сси йӕ фырт Елеазар.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Дӕуӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Фӕдзур Йешуамӕ, Фембӕлды Цатыры Мӕ разы ӕрлӕуут, ӕмӕ йӕ Ӕз бафӕдзӕхсон». Моисей ӕмӕ Йешуа бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ды дӕ сыджытыл куы бафтай, уӕд ацы адӕм, кӕй бӕстӕм цӕуынц, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзысты. Мӕныл сӕхи атигъ кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Уыцы хохмӕ куы ссӕуай, уӕд уым амӕлдзынӕ ӕмӕ дӕ сыджытыл бафтдзынӕ, де ’фсымӕр Аарон Оры хохыл куыд амард ӕмӕ йӕ сыджытыл куыд бафтыдис, афтӕ.


Ӕз амӕлдзынӕн ацы бӕстӕйы, Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ бахиздзынӕн, афтӕмӕй; сымах та бахиздзыстут ӕмӕ уыцы диссаджы бӕстӕ уӕхи бакӕндзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan