65 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдонӕй загъта: «Амӕлдзысты ӕдзӕрӕг быдыры». Ӕмӕ сӕ ничиуал баззад, Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ.
Бастадтӕн, басасти мӕ хъару, зӕрдӕрыстӕй ныхъхъӕр кӕнын.
Рамсесӕй Суккотмӕ фистӕгӕй чи араст ис, уыдон, сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ мин лӕджы бӕрц.
Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн:
Сымахӕн уӕ мӕрдтӕ ацы ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты.
Ӕз — Дунедарӕг! Куыд загътон, афтӕ бакӕндзынӕн, Мӕ ныхмӕ чи растад, уыцы ӕнаккӕгтӕн. Ацы ӕдзӕрӕг быдыры сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ам амӕлдзысты».
Бӕстӕуынӕг чи ацыд, уыдонӕй ма удӕгасӕй баззадысты ӕрмӕстдӕр Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт.
«Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ уый, Дунедарӕджы ныхмӕ чи растад, уыцы бардзы нӕ уыди Корахы цӕдисонты ’хсӕн, фӕлӕ амард йӕхи тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йын фырттӕ нӕ баззад.
Мӕнӕ уыцы лӕгты нӕмттӕ: Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — Калев, Иефоннейы фырт.
Дӕ зӕрдыл дар: Хуыцау фӕлмӕн дӕр у ӕмӕ карз дӕр у. Чи Йӕ ныууагъта, уыдонӕн карз у, дӕуӕн та — фӕлмӕн, Йӕ хорзӕхыл Ын куы хӕцай, уӕд. Науӕд дӕу дӕр акъуырдзӕн.
Ничи, Иефоннейы фырт Калевы йеддӕмӕ, — уый йӕ фендзӕн. Калев ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн Ӕз ратдзынӕн, йӕ къах кӕм ӕрӕвӕрдта, уыцы зӕхх, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл кӕй нӕ сивта, уый тыххӕй“.
Сунӕт та сын Йешуа уымӕн скодта, ӕмӕ Мысырӕй сыстӕг нӕлгоймӕгтӕ, хӕстхъом лӕгтӕ, иууылдӕр амардысты Мысырӕй рацӕуыны фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыры, хӕтӕнхуаг царды заман.
Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.