64 Се ’хсӕн, Моисей ӕмӕ сауджын Аарон Синайы ӕдзӕрӕг быдыры кӕй банымадтой, уыдонӕй иу дӕр нал уыди.
Ацы ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты уӕ мӕрдтӕ — ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕрты номхыгъды чи ис, уыдонӕн се ’ппӕты мӕрдтӕ, Мӕныл чи хъуыр-хъуыр кодта, уыдонӕн се ’ппӕты мӕрдтӕ!
Сымахӕн уӕ мӕрдтӕ ацы ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты.
Уый, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ кӕй банымадтой, уыдон.
«Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ уый, Дунедарӕджы ныхмӕ чи растад, уыцы бардзы нӕ уыди Корахы цӕдисонты ’хсӕн, фӕлӕ амард йӕхи тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йын фырттӕ нӕ баззад.
Фӕлӕ Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд, ӕмӕ фӕцагъды сты ӕдзӕрӕг быдыры.
Дыууиссӕдз азы дӕргъы Хуыцауы маст кӕмӕ фыхти? Тӕригъӕдджын чи фӕци ӕмӕ йе стджытӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕмӕн баззадысты, уыдонмӕ Йын нӕ фыхти, ӕви?
Сунӕт та сын Йешуа уымӕн скодта, ӕмӕ Мысырӕй сыстӕг нӕлгоймӕгтӕ, хӕстхъом лӕгтӕ, иууылдӕр амардысты Мысырӕй рацӕуыны фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыры, хӕтӕнхуаг царды заман.