59 Амрамы усы ном — Йохевед, Левийы усӕн Мысыры чи райгуырд, уыцы чызг. Йохевед та Амрамӕн ныййардта Аарон, Моисей ӕмӕ сӕ хо Мариамы.
Уӕд пехуымпар Мариам, Аароны хо, йӕ къухмӕ ӕрбайста дала, ӕмӕ йемӕ сӕ далатимӕ кафгӕ рацыдысты ӕппӕт сылгоймӕгтӕ дӕр.
Сабийы хо дӕрддзӕфгомау лӕууыд ӕмӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, уымӕ йӕ хъус дардта.
Амрам ракуырдта йӕ фыды хо Йохеведы, ӕмӕ йын уый ныййардта Аарон ӕмӕ Моисейы. Амрам фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы.
Ма ӕрӕмуат у дӕ фыды хоимӕ — уый дӕ фыдӕн йӕ туг, йе стӕг у.
Моисейӕн йӕ ус уыди эфиопаг, ӕмӕ йын Мариам ӕмӕ Аарон уый йӕ цӕстмӕ дардтой.
Фыццаг мӕйы мӕйноджы израилӕгтӕ Цины ӕдзӕрӕг быдырмӕ бахӕццӕ сты. Дзыллӕ Кадешы ӕрлӕууыдысты. Уыцы ран Мариам амард, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой.