Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 26:53 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

53 «Адонӕн зӕхх хайгонд ӕрцӕудзӕн нӕмттӕм гӕсгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 26:53
16 Iomraidhean Croise  

Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.


фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Уый загъта: «Ханааны зӕхх уын фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн».


Фӕлӕ та-иу сын сӕ хъизӕмармӕ куы ’ркасти, се ’рдиаг-иу Йӕ хъустыл куы ауад,


Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.


Байуарут ӕй халӕппӕрстӕй уе ’хсӕн, стӕй, ӕрцӕуӕггагӕй уӕм чи цӕры, цот кӕмӕн рацыд, уыдоны ’хсӕн дӕр. Израилӕгтау уыдон дӕр нымад ӕрцӕуӕнт бынӕттон цӕрджытыл ӕмӕ сымахимӕ хай райсӕнт Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн.


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“.


Ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн:


Фылдӕр чи у, уыцы мыггӕгтӕн ратт стырдӕр хай, сӕ нымӕц бирӕ кӕмӕн нӕу, уыдонӕн та — къаддӕр хӕйттӕ; алкӕмӕн дӕр хайгонд ӕрцӕудзӕн, хыгъдмӕ сӕ цал адӕймаджы бацыд, уымӕ гӕсгӕ.


Хӕлттӕм гӕсгӕ байуарут бӕстӕ уӕ хӕдзарвӕндӕгтыл. Стырдӕр мыггӕгтӕн скӕнут стырдӕр хӕйттӕ, сӕ нымӕц бирӕ кӕмӕн нӕу, уыдонӕн та — къаддӕр хӕйттӕ. Халмӕ гӕсгӕ кӕмӕ цы хай ӕрхауа, уым уыдзӕн йӕ бынат. Уӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн адих кӕнут зӕхх.


Тӕхудиаг сты сӕрныллӕгтӕ — зӕхх сӕ хай бауыдзӕн.


Фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Афтӕ бакӕн, цӕмӕй ацы бӕстӕ Израилы адӕмӕн суа фыдӕй-фыртмӕйы исбон, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ фыдӕлтӕн сомы ракодтон йӕ раттыны тыххӕй!


Дунедарӕг Моисейӕн цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йешуа уыцы бӕстӕ бацахста ӕгасӕй дӕр ӕмӕ йӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл байуӕрста. Ӕмӕ уӕд бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.


Дарддӕр ныхас цӕуы, израилӕгтӕ Ханааны бӕстӕйы цы зӕххытӕ райстой, уыдоныл. Фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн сын сӕ байуӕрстой сауджын Елеазар, Нуны фырт Йешуа ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ мыггӕгты хистӕртӕ.


Чъизи цы уа, ахӕмӕй йӕм ницы бацӕудзӕн, ӕлгъаг ӕмӕ фӕливӕн митӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр ӕм фӕндаг никӕмӕн уыдзӕн, фӕлӕ йӕм бацӕудзысты, Уӕрыкмӕ царды чиныджы фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон.


Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan