Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 26:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Рувим — Израилы хистӕр фырт; Рувимы байзӕддӕгтӕ: Ханохӕй — Ханохы хӕдзарвӕндаг, Паллуйӕ — Паллуйы хӕдзарвӕндаг,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 26:5
11 Iomraidhean Croise  

Леа банхъӕлцау ис, ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Рувим. «Дунедарӕг мын федта мӕ маст, — загъта уый, — ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой».


Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.


Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.


Израилы зӕнӕджы хистӕр Рувим уыди, фӕлӕ йӕ фыды хуыссӕн куы фӕчъизи кодта, уӕд йӕ хистӕры кад лӕвӕрд ӕрцыд Израилы фырт Йосефы фырттӕн; ӕцӕг, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды Йосеф хистӕрыл нымад нӕу.


Израилы зӕнӕджы хистӕр Рувимы фырттӕ: Ханох, Паллу, Хецрон, Карми.


Мӕнӕ Израилы хистӕр хӕдзарвӕндӕгты фыдӕлтӕ. Израилы хистӕр зӕнӕг Рувимы фырттӕ: Ханох, Паллу, Хецрон, Карми. Адонӕй рацыдысты Рувимы артӕй уӕрст мыггӕгтӕ.


Рувимы, Израилы хистӕр фырты байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.


Хецронӕй — Хецроны хӕдзарвӕндаг, Кармийӕ — Кармийы хӕдзарвӕндаг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan