35 Ефремы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шутелахӕй — Шутелахы хӕдзарвӕндаг, Бехерӕй — Бехеры хӕдзарвӕндаг, Таханӕй — Таханы хӕдзарвӕндаг.
Йосефы байзӕддӕгтӕ, Ефремы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Уыдон — Менассиайы хӕдзарвӕндӕгтӕ, нымад та дзы ӕрцыд — фӕндзай дыууӕ мин авдсӕдӕ.
Шутелахы байзӕддӕгтӕ: Еранӕй — Ераны хӕдзарвӕндаг.