32 Шемидайӕ — Шемидайы хӕдзарвӕндаг, Хеферӕй — Хеферы хӕдзарвӕндаг.
Асриелӕй — Асриелы хӕдзарвӕндаг, Шехемӕй — Шехемы хӕдзарвӕндаг,
Хеферы фырт Цалфахадӕн фырт нӕ уыд, ӕрмӕст — чызджытӕ. Цалфахады чызджыты нӕмттӕ: Махла, Ноа, Хогла, Милка, Тирца.
Уыцы халмӕ гӕсгӕ зӕххытӕ райстой Менассиайы байзӕддаджы иннӕ мыггӕгтӕ дӕр: Авиезеры мыггаг, Хелекы мыггаг, Асриелы мыггаг, Шехемы мыггаг, Хеферы мыггаг, Шемидайы мыггаг. Авиезер, Хелек, Асриел, Шехем, Хефер, Шемида сты Йосефы фырт Менассиайы нӕлгоймаг-байзӕддӕгтӕ ӕмӕ сӕ мыггӕгты фыдӕлтӕ.