30 Галаады фырттӕ: Иезерӕй — Иезеры хӕдзарвӕндаг, Хелекӕй — Хелечы хӕдзарвӕндаг,
Асриелӕй — Асриелы хӕдзарвӕндаг, Шехемӕй — Шехемы хӕдзарвӕндаг,
Уыцы халмӕ гӕсгӕ зӕххытӕ райстой Менассиайы байзӕддаджы иннӕ мыггӕгтӕ дӕр: Авиезеры мыггаг, Хелекы мыггаг, Асриелы мыггаг, Шехемы мыггаг, Хеферы мыггаг, Шемидайы мыггаг. Авиезер, Хелек, Асриел, Шехем, Хефер, Шемида сты Йосефы фырт Менассиайы нӕлгоймаг-байзӕддӕгтӕ ӕмӕ сӕ мыггӕгты фыдӕлтӕ.
Дунедарӕджы зӕд Офрайы сахармӕ ӕрцыд ӕмӕ, Иоасы зӕххыл цы тулдз уыдис, уый бын ӕрбадти. Иоас уыди Авиезеры хӕдзарвӕндагӕй. Уыцы рӕстӕг йӕ фырт Гедеон мӕнӕу ссадта сӕндуцӕны, цӕмӕй йӕ мидианӕгтӕ ма бафиппайой.
Уыцы ран Гедеон Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Яхве-Шалом. Уыцы нывондхӕссӕн абоны онг дӕр ис Офрайы, Авиезеры зӕххыл.
Уӕд Гедеоныл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти. Гедеон сыкъауадындзӕй ныууасыд ӕмӕ Авиезеры фӕдонты хӕстмӕ рамбырд кодта.
Гедеон сын дзуапп радта: «Ау, ӕмӕ мӕнӕн цы бантысти, уыдон уӕ хъуыддӕгтимӕ абарӕн ис? Ефреммӕ ӕрхаудысты сӕнӕфсиры фӕстаг цупӕлттӕ, уыдон Авиезеры ӕфтиагӕй бирӕ хуыздӕр сты.