Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 26:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Менассиайы байзӕддӕгтӕ: Махирӕй — Махиры хӕдзарвӕндаг; Махирӕй райгуырд Галаад, Галаадӕй рацыд Галаады хӕдзарвӕндаг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 26:29
9 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Израил, йӕ къухтӕ дзуарӕвӕрд скӕнгӕйӕ, йӕ рахиз къух ӕрӕвӕрдта Ефремы — кӕстӕры — сӕрыл, йӕ галиу къух та Менассиайы сӕрыл, кӕд уый хистӕр уыди, уӕддӕр.


Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.


Есромыл ӕртиссӕдз азы куы рацыд, уӕд ӕрхаста Махиры чызджы, ӕмӕ йын уымӕй райгуырди Сегув. Махир уыди Галаады фыд.


Йосефы байзӕддӕгтӕ, Галаады, Менассиайы фырт Махиры фырты, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ ӕрбацыдысты. Моисей ӕмӕ фӕтӕгтӕн, израилаг хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕн


Махирӕн ӕз радтон Галаад.


Йӕ хал схаудта Йосефы фыццаг зӕнӕг Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн дӕр. Менассиайы фыццаг зӕнӕг Махирӕн — Галаады фыдӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хай — Галаад ӕмӕ Башан — райстой раздӕр.


Ацы зӕхх кӕддӕр уыд амалекӕгты, ныр ӕм хӕстонтӕ фӕзындысты Ефремӕй, — уӕ фӕдыл рацыдысты, Бениамины фӕдонтӕ! Фӕзындысты Махиры хицӕуттӕ, фӕзындысты Зевулоны фӕтӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan