Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 26:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Йосефы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Менассиа ӕмӕ Ефрем.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 26:28
9 Iomraidhean Croise  

Йосефӕн Мысыры зӕххыл райгуырдысты Менассиа ӕмӕ Ефрем, Оны сауджын Поти-Перы чызг Аснат ын кӕй ныййардта, уыдон.


Гъемӕ, Мысырмӕ дӕм цалынмӕ ӕрцыдтӕн, уӕдмӕ дын ам цы дыууӕ хъӕбулы райгуырди, уыдонӕй ныр мӕхицӕн зӕгъын фырттӕ. Ардыгӕй фӕстӕмӕ Ефрем ӕмӕ Менассиа, Рувим ӕмӕ Симеонау, уыдзысты мӕ цотыл нымад.


Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбис цардысты Башанӕй Баал-Хермоны онг, стӕй Сенир ӕмӕ Ермоны хӕхты онг зӕххытыл. Дзӕвгар уыди сӕ нымӕц.


Менассиайы байзӕддӕгтӕ: йӕ арамейаг номылусӕй рацыди фырт Асриел, ноджы — Махир, Галаады фыд.


Менассиайы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.


зӕххы хуыздӕр хуынтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт бӕркад. Сындзкъутӕры ӕргом Чи рацыд, Уый арфӕ ракӕнӕд Йосефӕн, ӕфсымӕрты хуыздӕрӕн!


Йосефы байзӕддӕгтӕ фӕдих сты дыууӕ хӕдзарвӕндагыл: Менассиайы ӕмӕ Ефремы хӕдзарвӕндӕгтыл. (Левийы байзӕддӕгтӕн бӕстӕйӕ хай нӕ радтой, ӕрмӕст сын цӕрынӕн радтой сахартӕ, стӕй сахаргӕрӕтты сӕрвӕттӕ се стуртӕ ӕмӕ сӕ лыстӕг фос хизынӕн.)


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan