26 Зевулоны байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Середӕй — Середы хӕдзарвӕндаг, Елонӕй — Елоны хӕдзарвӕндаг, Йахлеелӕй — Йахлеелы хӕдзарвӕндаг.
Зевулоны фырттӕ: Серед, Елон, Йахлеел. Йаковӕн уыди чызг дӕр — Динӕ. Адон сты Леайы цот, Йаковӕн Паддан-Арамы кӕй ныййардта, уыдон. Лӕппуйӕ, чызгӕй ӕдӕппӕтӕй — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз.
Зевулоны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.