Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 26:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ӕмӕ уыдысты Иудӕйы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шелайӕ — Шелайы хӕдзарвӕндаг, Парецӕй — Парецы хӕдзарвӕндаг, Зарахӕй — Зарахы хӕдзарвӕндаг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 26:20
18 Iomraidhean Croise  

Уӕд Иудӕ йӕ чындз Тамарӕн бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ мӕ фырт Шела байрӕза, уӕдмӕ уал идӕдзӕй ацӕр дӕ цӕгаты». Йӕхинымӕр та загъта: «Кӕннод мын йе ’фсымӕртау ай дӕр куы амӕла». Уыйадыл Тамар йӕ цӕгатмӕ аздӕхтис.


ӕмӕ сылгоймаг йӕ идӕдзы дарӕс раласта, йӕхиуыл ӕмбӕрзӕн ӕркодта ӕмӕ афтӕмӕй Тимнамӕ фӕндагыл Енаимы кулдуары цур сбадти. Уымӕн ӕмӕ федта: Шела байрӕзти, фӕлӕ йын Тамары нӕ ракуырдтой.


Уый фӕстӕ ма ныййардта иу лӕппу ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдта ном Шела. Уыцы рӕстӕг Иудӕ уыди Кезивы.


Иудӕйы фырттӕ: Ер, Онан, Шела, Парец, Зарах. Ӕцӕг, Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл. Парецы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул.


Ӕфсымӕртӕ дӕ стаудзысты, Иудӕ! Йӕ бӕрзӕйӕ ӕрцахсдзынӕ фыдгулы; ныллӕг дын кувдзысты дӕ фыды фырттӕ.


Иудӕйы фырт Шелайы байзӕддӕгтӕ: Лехайы фыд Ер ӕмӕ Марешайы фыд Лада; стӕй Бет-Ашбеайаг мыггӕгтӕ, лыстӕг гӕнӕй хъуымӕцтӕ уафджытӕ;


Иудӕйы фырт Парецы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Утай. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Аммиуд, Омри, Имри, Бани.


Иудӕйы фырт Шелайы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхтысты йӕ хистӕр зӕнӕг Асайа ӕмӕ йӕ фырттӕ.


Петахиа, Мешезабелы фырт, Иудӕйы фырт Зарахы байзӕддӕгтӕй иу, паддзахы ӕууӕнчы лӕг уыдис ӕмӕ адӕмимӕ баст алы хъуыддӕгтӕ йӕ бӕрны уыдысты.


Йерусалимы цардысты Иудӕ ӕмӕ Бениамины байзӕддӕгтӕ. Иудӕйы цотӕй: Атаиа, Узийайы фырт, Захариайы фырт, Амариайы фырт, Шефатийы фырт, Махалаелы фырт, Парецы байзӕддӕгтӕй,


Парецы байзӕддӕгтӕй Йерусалимы ӕдӕппӕтӕй царди цыппарсӕдӕ ӕхсай аст нымад адӕймаджы.


Ӕмӕ уыдысты Парецы фырттӕ: Есромӕй — Есромы хӕдзарвӕндаг, Хамулӕй — Хамулы хӕдзарвӕндаг.


Иудӕйӕн Тамарӕй райгуырдысты Парец ӕмӕ Зарах. Парецӕй райгуырд Есром, Есромӕй — Арам;


Аминадав, Админ, Арни, Есром, Парец, Иудӕ,


Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд дыууадӕс миныл; Рувимы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Гады хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan