5 Моисей загъта Израилы фӕтӕгтӕн: «Алчидӕр уӕ, йӕ адӕмӕй Баал-Пеормӕ чи кувы, уыдоны амарӕд».
Илийа сын загъта: «Баалы пехуымпарты ӕрцахсут, иу дӕр сӕ куыннӕ аирвӕза, афтӕ». Ӕрцахстой сӕ, ӕмӕ сӕ Илийа Кишоны мӕсчъы донмӕ акодта ӕмӕ сӕ уым амарын кодта.
Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.
Ӕндӕр хуыцӕуттӕн, Дунедарӕгӕй уӕлдай, нывӕндтӕ чи хӕсса, уый ӕлгъыстаг фӕуӕд ӕмӕ мард ӕрцӕуӕд.
Бандӕгъдысты израилӕгтӕ Баал-Пеорыл, ӕмӕ сӕм Дунедарӕджы маст ссыгъди.
уӕд сахары ӕппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъд, ӕгас сахар ӕлгъыстаг фӕкӕн, ӕд ис, ӕд бис, суанг фосы дӕр-иу карды амӕттаг бакӕн.
Дӕ хӕрз ӕфсымӕр дӕ куы ардауа сусӕгӕй, дӕ фырт, дӕ чызг, дӕ уарзон бинойнаг кӕнӕ дын дӕ адджын ӕмбал куы дзура, цом ӕмӕ лӕггад кӕнӕм, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн,
Амар ӕй! Фыццаг цӕф ыл дӕхи къухӕй ӕрцӕуӕд, уый фӕстӕ та йӕ цӕвӕнт иннӕ адӕм!
Пеоры цы тӕригъӕд ракодтат, уый уын фаг нӕу? Абоны онг дӕр дзы куы нӕма ссыгъдӕг стӕм ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕ уый тыххӕй куы баййӕфта ӕфхӕрд!